Мах тыххæй
Мах Евроцæдисы æнæхотых æмбæстагон хъусдарæгон Мисси стæм. Нæ Мисси 2008 азы сентябры æрвыст æрцыд, уый фæстæ, Евроцæдисы æхсæны бацыдæй къухфыст куы ‘ рцыд æхсæз пунктон бадзырдыл, кæцы августы хæстæн кæрон скодта.
Нæ приоритеттæ сты:
Уæдæй фæстæмæ, куыддæр Мисси йæ архайд райдыдта, уый 24 сахатон патрулæй зилы æмæ сæрмагонд хъусдард здахы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы административон арæнтæм æввахс территоритæм. Миссийы 200-йы онг хъусдарæг кусы Евроцæдисы æндæр æмæ æндæр уæнг бæстæтæй.
Нæ сæйраг офис ис Тбилисы, фæлæ регионалон офистæ – Гуры, Мцхетайы æмæ Зугдиды.Нæ мандат парахат кæны Гуырдзыстоны æппæт территорийыл, фæлæ нын Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауады минæвæрттæ абоны онг нæ дæттынц сæ контролы бын уæвæг территоритæм бахизыны бар. |