Мандат
Мах Евроцæдисы æнæхотых æмбæстагон хъусдарæгон Мисси стæм. Нæ Мисси 2008 азы сентябры æрвыст æрцыд, уый фæстæ, Евроцæдисы æхсæны бацыдæй къухфыст куы ‘ рцыд æхсæз пунктон бадзырдыл, кæцы августы хæстæн кæрон скодта.

Нæ приоритеттæ сты:
  • Хæстон архæйдтытæ сног кæнынæй хи бахизыны сифтонгад;
  • Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны административон арæнты дыууæ фарсырдыгæй цæрæг бынæттон цæрджыты æдас æмæ нормалон цæрæн уавæрты сæндидзынæн баххуыс кæнын;
  • Конфликты фæрсты ‘хсæн æууæнкдзинад сæндидзын кæнын;
  • Гуырдзыстон æмæ регионы тыххæй европаг политикæйы арæнгæнæг структурæты информир кæнын.

Уæдæй фæстæмæ, куыддæр Мисси йæ архайд райдыдта, уый 24 сахатон патрулæй зилы æмæ сæрмагонд хъусдард здахы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы административон арæнтæм æввахс территоритæм. Миссийы 200-йы онг хъусдарæг кусы Евроцæдисы æндæр æмæ æндæр уæнг бæстæтæй.

Нæ сæйраг офис ис Тбилисы, фæлæ регионалон офистæ – Гуры, Мцхетайы æмæ Зугдиды.Нæ мандат парахат кæны Гуырдзыстоны æппæт территорийыл, фæлæ нын Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауады минæвæрттæ абоны онг нæ дæттынц сæ контролы бын уæвæг территоритæм бахизыны бар.

Базонут фылдæр нæ куысты тыххæй ацы видеойы:







Follow us on social media
Один день из жизни наблюдателя
(субтитры на осетинском языке)