Мах Евроцæдисы æнæхотых æмбæстагон хъусдарæгон Мисси стæм. Нæ Мисси 2008 азы сентябры æрвыст æрцыд, уый фæстæ, Евроцæдисы æхсæны бацыдæй къухфыст куы ‘ рцыд æхсæз пунктон бадзырдыл, кæцы августы хæстæн кæрон скодта.
Уæдæй фæстæмæ, куыддæр Мисси йæ архайд райдыдта, уый 24 сахатон патрулæй зилы æмæ сæрмагонд хъусдард здахы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы административон арæнтæм æввахс территоритæм. Миссийы 200-йы онг хъусдарæг кусы Евроцæдисы æндæр æмæ æндæр уæнг бæстæтæй.
Нæ сæйраг офис ис Тбилисы, фæлæ регионалон офистæ – Гуры, Мцхетайы æмæ Зугдиды.Нæ мандат парахат кæны Гуырдзыстоны æппæт территорийыл, фæлæ нын Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауады минæвæрттæ абоны онг нæ дæттынц сæ контролы бын уæвæг территоритæм бахизыны бар.
Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси: кусæм æдасдзинады тыххæй, сыхæгты ‘хсæн æууæнкдзинады сæндидзын кæнынæн.
«Адæймæгты фæнды сабыр цард кæнын, фæнды сæ сæрибарæй цæуын дыууæрдæм, уыдонæн иннæ фарс хæстæджытæ ис, кæцыты фенын сæ фæнды. Уыдон æрмæстдæр нормалон царды сæндидзын фæнды».
Евроцæдис архайды мидæг
Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси у Гуырдзыстоны æмбæстагон Мисси
Официалон гæнæндзинæдтæ: 283 æмкусæг
Тереза Бауэр, цæстдарæг (полицæйы офицер)
2008 аз
2008 азы августы мæйы Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæны «фондзбонон» хæст байдыдта.
Евроцæдис æхсæны бацыд «æхсæз пунктон бадзырдæн», кæцы кæрон скодта хотыхджын конфликтæн.
2008 аз
Октябры мæйы райдыдта Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси, алы фарсы бадзырдмæ цæстдарын цæмæй æххæстгонд цæуа.
«Миссийы приоритет бынатыл у хæстон архæйдтытæ мауал сног уой æмæ цæмæй административон арæнон хаххы дыууæ фарсæрдыгæй дæр цæрæг адæймæгтæн сæ бон уа цæрой æдасæй æмæ нормалонæй цас уый гæнæн уыдзæнис, уымæй. Зæгъæн ис æмæ алы бон вæййын уыцы бынæтты. Мæ коллегæтимæ иумæ æххæст кæнæм фистæгæй æмæ машинæйæ патрулиркæнынад æмæ дæттæм хыгъдлæвæрд бынатыл райрæзт цауты тыххæй».
Патрулир кæныны йеддæмæ-ма, Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси æххуыс кæны конфликты фæрсты ‘хсæн коммуникацийæн, бынæттон проблемæты аскъуыддзаг кæнынæн æмæ æууæнкдзинады скæнынæн.
«Мæн уырны, цæмæй ам, ацы бæстæйы стабилондзинадмæ хайбавæрд бахастæй, мах æппæт Европæйы æмæ европæйаг æмбæстæгты стабилондзинадмæ æмæ æдасдзинадмæ хæссæм нæ хайбавæрд».
Фылдæр стабилон дуне, фылдæр æдас Европа.
Евроцæдисы иумæйаг æдасдзинады æмæ хихъахъхъæды политикæйы мисситæ æмæ операцитæ.
Евроцæдис